Ахсджиаг фарстатœ
- Подробности
- Категория: Газета "Фидиуæг"
- Опубликовано: 10.09.2016 08:24
Горӕтгӕрон районы администрацийы ӕрӕмбырд кодта сты райдиан профцӕдисон организаиты сӕрдартӕ ӕмӕ актив, райадминистрацийы бӕрнон кусджытӕ. Æмбырд амыдта ӕмӕ раныхас кодта Цӕгат Ирыстон-Аланийы Профцӕдисты Рескомы сӕрдар Касаты Таймураз.
Касайы-фырт лӕмбынӕг ӕрдзырдта, профцӕдистыл абон цы хӕстӕ ис ӕмӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, ууыл, кусӕг адӕмы бартӕ хъахъхъӕныныл. Уӕрӕсейы профцӕдисты Федераци хӕцы бӕстӕйы Президент Путины фарс, кӕд финансон хъуыддӕгты цухдзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. «Профцӕдитсӕ разы не сты, куысты мызд кӕй дис водкӕ ӕмӕ спирты куыст куы кодта, уӕд, ныр афтӕ нал у. Бынаты цы продукции исӕм, уымӕй хардз та фылдӕр кӕнӕм. Нӕй нӕм кондитерон фабриктӕ, ӕннӕ фылдӕр кӕны, пенсион кары азмӕ 5 азы бафтауынвӕнд кӕй кӕнынц, уыимӕ; цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады, энергетикӕйы лӕггӕдты ӕргътӕ уӕлӕмӕ-уӕлӕмӕ кӕй хизынц, уыцы хъуыддӕгтиӕ. Экономикон политикӕмӕ фылдӕр хъусдард аздахын хъӕуы, адӕм социалон ӕгъдауӕй хъуамӕ хъахъӕд цӕуой.
Нӕ республикӕмӕ раздӕр, куыстуӕттӕ, ӕмӕ нӕ бюджетмӕ ӕфтиӕгтӕ уый барц не ‘ фты.
Республикӕй Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеслав архайы ууыл, цӕмӕй ахӕм уавӕр аива хуыздӕрырдӕм ӕмӕ къуырцдзӕвӕнӕй рахизӕм; адӕмӕн пайда цы у, ахӕм политикӕйы фарс хӕцӕм».Касаты Таймураз радзырдзӕрстыты тыххӕй дӕр.
Уӕрӕсейы профцӕдистӕн ис политикон партии «Союз труда», уый хъуамӕ архайдтаид Думӕмӕ ӕвзӕрстыты, фӕлӕ йӕ иуӕй-иу аххосӕгтӕм гӕсгӕнӕ буагътой. Архайдзӕн фидӕны авзверстыты.
Ныртаккӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕг сӕйраг у, цӕмӕй адӕм ӕрцӕуой ӕвзарӕн хӕйттӕм ӕмӕ схъӕлӕс кӕной, кӕуыл сӕ фӕнды, ууыл.
«Равдисӕм нӕ ӕмбагон бӕрнондзинад ӕмӕ ӕрцӕуӕм ӕвзӕрӕн хӕйттӕм, бӕстон ахъуыды кӕнын хъӕуы, хъӕлӕс цы партии ӕмӕ кандидаттыл хъуамӕ радтӕм, ууыл, кӕннод та ныл 1994 азы ӕвзӕрстыты бон ӕркӕндзӕн: уымӕн та йӕ фӕстиуӕг уыд, 6 -7 мӕйты мызд куы нӕ истам уый», - загъта Касайы-фырт.
Республикӕйы Профцӕдисты сӕрдар мА ӕрдзырдта фӕллойгӕнӕг адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны ӕндӕр фарстатыл дӕр.
Æмбырды архайдтой ахуырады профцӕдисты рескомы сӕрдар Тезиаты Таймураз, фӕндӕгты хӕдзарад ӕмӕ автотранспортон профцӕдисы рескомы сӕрдӕр Гӕбуты Хадзы-Мурат.